Хъантемыраты Зæирæйы персоналон сайт.

Хетæгкаты Къостайы 155 азы юбилейы кадæн литертурон музыкалон композицийы сценари.

02 октября 2015

Хетæгкаты Къостайы райгуырды 155 азы юбилейы кадæн литературон музыкалон композицийы сценари райдиан кълæстæн.

 

 

 

 

 

Ирон кафт.

   2 лæппуйы чингуыты равдысты раз ракæс-бакæс кæнынц Къостайы нывтæм, чингуытæм. Бацыд сæм æртыккаг лæппу.

Лæппу №3:         Уагæры дзы цы ссардтат, цæмæ дзы   ныджджих стут?

Лæппу №1:        Мæнæ Къостайы чингуытæм æмæ нывтæм ракæс-бакæс кæнæм.

Лæппу №3:       Къостайы?! Чи у ,чи , уыцы Къоста? Искæй хæстæг уæ у?

Лæппу №2 :      АУ?! Къостайæ Ирыстоны дзыллæ сæ сæр бæрзæндты куы хæссынц,уæд æй ды куыннæ зоныс?

Лæппу №3:      Цæй, цы мæм фæлæбурдтат?Цы диссаг уæм фæкаст,  Къостайы кæй нæ зонын, уый. Кæм фесгуыхт, кæ ? Цавæр хæсты?

Лæппу№1:       Ǽмæ хъуыстгонд æрмæст хæстон вæййы?Царды бирæрæтты ис равдисæн сгуыхт.

Лæппу №3:        Ǽрмæстдæр хæсты ис фесгуыхæн! Ǽндæр никуы! Ǽз зонын сгуыхт Иссæйы, хаджумары!.

Лæппу№2:      Фæхудинаг кодтай дæхи. Мæнæ ма ам æрбад, æмæ бæлвырд байхъус мæнæ ацы фæсивæдмæ. Уыдон дын бамбарын кæндзысты, чи у Хетæгкаты Къоста.

Лæппу№3:      Ныууадзут-ма  мæ уæ уайдзæфтæй, цомут-ма фæлтау футболæй ахъазæм.

Лæппу№1:      Махæй демæ ничи ацæудзæн, уымæн æмæ нæ бæрæгбонмæ цæуын хъæуы.

Лæппу №3:     Бæрæгбонмæ? Ǽз дæр уемæ. Ǽз дæр уарзын бæрæгбæттæ.

Лæппу№2:      Уæдæ уæд мæнæ ам æрбад, æмæ байхъус, чи у Хетæгкаты Къоста. 

                                Сценæмæ рацыдысты 2 амонæджы.

Амонæг 1:    Уæ бон хорз , нæ зынаргъ уазджытæ.

Амонæг 2:    Хорз бонтæ уыл цæуæнт, нæ чысыл сабитæ.

Амонæг 1:     Хетæгкаты Къоста… Нæ лæугæ хох, нæ цæугæ мæсыг, æнустæм æрттивгæ стъалы.

Амонæг 2:    Дзыллæтæ хурыскастау йæ фенынмæ кæмæн бæллыдысты, цардыл, фидæныл сæ чи æуууæндын кодта, тыхст сахат йæ адæмæн ныфсы æмæ хъаруйы мæсыг чи уыд, нæ уыцы номдзыд Хетæгкаты Къостайы райгуырдыл абон æххæст кæны 155 азы.

Амонæг №1:     Йæ райгуырæн бон бирæ дзыллæтæ æрæмбырдвæййынц поэты райгуырæн хъæу Нары, æмæ бæрзонд уæларвмæ фæхъуысынц йæ диссаджы зарджытæ. Байхъусæм-ма дзы иумæ.

 

                          Хъуысы зарæг «Хъуыбады».

Амонæг №2:     Сывæллæттæ, зæгъут-ма, цы зонут Къостайы тыххæй?

-Уый райгуырд мин фарастсæдæ фæндзай фарæстæм азы 15—æм октябыры Нары хъæуы.

-Йæ мад Гуыбаты Мария амард æрыгонæй æмæ йæ схаста се рвадæлты ус Чендзе.

- Йæ фыд Леуан уыд æфсæддон лæг.

-Хетæгкаты Къоста у фыццаг ирон нывгæнæг.Уый ныффыста ахæм нывтæ куыд «Дурсæтджытæ», «Ǽрдзон хид», «Хъыгкæнæг зæд» æмæ æндæртæ.

-Уый ныффыста æмдзæвгæтæ, баснятæ,поэмæтæ.

Амонæг 1:     Тынг хорз. Байхъусæм-ма Къоста сывæллæттæн цы уацмыстæ ныффыста, уыдонмæ.

   Сывæллæттæ радыгай дзурынц:

«Гино»

«Ǽрра фыййау»

«Фыдуаг»

«Лæгау»

«Уасæг»

«Зæрватыкк»

«Скъолайы лæппу».

Басня «Халон æмæ рувас» æвдисынц 3 къласы аху-тæ.

Лæппу №3:    Мæнæ диссæгтæ. Ай æцæгæйдæр разагъды лæг куы у, разагъды. Хуымæтæджы дзы сæрыстыр куы нæу æгас Ирыстон. Эх-х, ахæм лæгтæ нæ гыццыл Ирыстоны фылдæр куы уаид. Абонæй фæстæмæ йæ зондзынæн,  Къоста канд ирон литературæйы бындурæвæрæг кæй нæу,фæлæ ма  фыццаг ирон нывгæнæг дар.

      

        «Балцы зарæг» (Зарынц æй иууылдæр иумæ).

 

Оставить комментарий: